Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы номарæн фæйнæг байгом кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гæбуты Гобейæн
8 мая 2024, 11:40
Дзæуджыхъæуы номарæн фæйнæг байгом кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гæбуты Гобейæн. Райгуырд 1909-æм азы Къæмунтæйы. Фæстæдæр сæ цæрæн бынат раивтой Сырх-Дыгурмæ. Гобе куыста хъæд лыг кæнæны, колхозы тракторыл. Йæ бон уыд кусгæйæ баззайын, фæлæ 1941-æм азы йе фсымæр Гаврилимæ ацыд фронтмæ. Гæбуты Гобе бахауд 1765-æм хицæн саперон батальонмæ æмæ арæзта хъахъхъæнæн кусæнгæрзтæ Мæздæджы бынмæ. 1942-æм азы æрвыст æрцыд Воронежы облæстмæ 174-æм мысанæхсæн дивизимæ.