Вести. Аланийы хабæрттæ Æртæ ирон спортсмены архайдзысты Европæйы фыццаг бынат  бацахсыны ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй

17 мая 2024, 11:39

Гобаты Артем, Багаты Арслан æмæ Дзæгъиаты Сослан архайдзысты Европæйы фыццаг бынат  бацахсыны ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Турнир ацæудзæн Бакуйы, 20-26 майы. Не мзæххонтæ бацыдысты Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъдмæ. Æдæппæтæй нæ бæстæйы кад хъахъхъæндзысты 10 богалы. Беслæны та арæзт æрцыдысты фыццаг бынат бацахсыны республикон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. 140 архайæджы 10 уæзы категорийы. Ерыс кодтой, 24 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация